Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны минæвæрттæы ‘хсæн кæрæдзи æмбарынад æмæ æмæууæнк сæндидзыны сæраппонд æхсæнадон диалог «

Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны минæвæрттæы ‘хсæн кæрæдзи æмбарынад æмæ æмæууæнк сæндидзыны сæраппонд æхсæнадон диалог «


Джордж Мейсоны номыл университеты цур хъаугъаты анализ æмæ æмæ æрбæстон кæныны факультет ауагъдта дæсæм фембæлд Гуырдзыстон æмæ Хуссар Ирыстоны æмбæстагон æхсæнæдты минæвæртты дæсæм фембæлд горæт Вифлеемы 2012 азы 11-14 январы. Ацы диалог дарддæр кæны 2008-2011 азты цы фембæлдтæ уыд, уыдон. Уыдонæй фыццаг уагъд æрцыд 2008 азы декабры Вирджинийы штаты Мейсон Нэкы институты конференц-залы. «Цæстæгас»-ы процесс та дарддæр кæны афтæ хуыйнæг æнæформалон кæнæ æмбæстагон дипломатии, гуырдзиаг-ирон ахастытыл катастрофион æгъдауæй чи бандæвдта, 2008 азы уыцы хæсты фæстæ.

Ацы хатт æнæформалон фембæлды хайад райстой 23 адæймаджы, се ‘хсæн уыдысты дунеон æмæ æнæхицауадон организациты минæвæрттæ æмæ Стыр Британы Фæсарæйнаг хъуыддæгты минитсрад æмæ Иугонд Нациты Организацийы уынаффæгæнджытæ. Хайадисджытæ иууылдæр уыдысты хисæрмагонд адæймæгты хуызы æмæ не ‘вдыстой æндæр æмæ æндæр организациты интерестæ.

Диалоджы рæстæджы хайадисджытæ æрдзырдтой нырыккон уавæрыл, æндæр æмя æндæр инициативæтыл, кæцыты нысан у гуырдзиаг æмæ хуссарирыстойнаг дзыллæты ‘хсæн æмæууæнк сæндидзын кæнын, æмæ æруынаффæ кодтой «Цæстæнгас»-ы процессы дарддæры проекты перспективондзинадыл.

«Цæстæнгас»-ы диалоджы фæлгæтты хайадисджытæ æрдзырдтой къорд æнæскъуыддзаг фарстыл æмæ банысан кодтой ног темæтæ. Зæгъæм, нæ къаддæр кæны цымыдис Ленингоры/Ахалгоры районмæ. Фембæлды хайадисджытæм катай æвзæрын кæны, ирон æмæ гуырдзиаг хъæуты донæй ифтонг кæныны фарст æмæ Ленингоры/Ахалгоры районы газæй ифтонг кæныны фарстытæ нырмæ скъуыддзаг кæй не сты. Хайадисджытæ фидарæй хæцынц ахæм хъуыдыйы ‘вварс, æмæ донхæрæггæнæн системæтæ сæндидзын кæныны хъуыддаг, Ленингоры/Ахалгоры район газæй ифтонг кæныны хъуыддагимæ иумæ, техникон æмæ экономикон аспекттимæ хайджын сты экономикон мидисæй дæр, æмæ хъуамæ скъуыддзаггонд цæуой, уыдон æнæполитизацигæнгæйæ, уыцы нымæцы дунеон организациты æххуысæй дæр.

Хайадисджытæ байхъуыстон информацимæ, гуырдзиаг-ирон хъаугъайы зонæйы æбæрæгæй чи фесæфт, уыдон ссарыныл цæуæг куысты тыххæй.

Æртæбонон диалоджы рæстæджы хайадисджыты къухы бафтыд иуæй-иу æндæр фарстыты кæрæдзи хуыздæр бамбарын.

Хайадисджытæ байхъуыстой дунеон æмæ бынæттон æнæхицауадон организациты информацимæ, уыцы нымæцы уыдысты: «Saferworld», «Nonviolent Peace Force», Иугонд Нациты Организацийы Райрæзты Программæ, Хъаугъатæ æмæ баныхæсты дунеон центр, Хуссар Ирыстоны сылгоймæгты ассоциации демократии æмæ адæймаджы барты ‘вврс, Хотыхджын хъаугъаты хайадисджыты идæдзты æмæ сахъатджынты устыты ассоциации, Ирвайны Калифорниаг университет, Национализм æмæ хъаугъатæ иртасæн институт. Афтæ ма Стыр Британы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады информацимæ дæр.

Æппæт хайадисджытæм стыр цымыдис сæвзæрын кодтой израилаг-палестинаг хъаугъайы ног хабæрттæ. Уыдон кæй базыдтой, уый фæрцы сæ бон сси гуырдзиаг-ирон хъаугъайы контексты бæлвырд хаттдзæгтæ саразын.

Институт, ныртæккæ - Джордж Мейсоны номыл университеты цур Хъаугъатæ анализ æмæ бæстон кæныны факультет йæ 26-азон историйы дæргъы иу æмæ дыууæ хатты нæ иста хайад æмбæстагон дипломатийы ахæм инициативæты, зæгъæм, Африкæйы, Хæстæг Скæсæны, Скæсæйнаг Европæйы æмæ раздæры Советон Цæдисы территорийыл.

Хайадисджытæ æмæ организатортæ бузныг зæгъынц COBERM-æн, Европæйаг Цæдисæн, Иугонд Нациты Организацийы Райрæзты Программæйæн æмæ АИШ-ы Сабардзинады институтæн, фембæлд ауадзынæн ахъаз кæй фесты.

 

S-CAR.GMU.EDU | Copyright © 2017